Цӕгат Ирыстоны цӕуы ЦКФЗ-ы сывӕллӕтты аивæдты скъолаты форум-конференци
Сывӕллӕтты аивæдты скъолаты форумы архайджытӕн сæ бон райдыдта Беслæны, минут ӕдзӕмӕй алӕууынӕй. Цӕгат Кавказӕй ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ разамонджытӕ бабӕрӕг кодтой Терроризмы профилактикӕйы центр. Фыццаг скъолайы спортивон залы сӕвӕрдтой дидинджытӕ. Истори æдзæмæй кæм баззад, уыцы ран дзырдтой ӕппӕты ахсджиагдӕрыл — мысын ӕмӕ ахуыргӕнӕджы дӕсныйадыл. Уыцы фӕззӕгмæ уазджытӕн фӕндагамонӕг сси Туаты Эльвирӕ. Теракты дыууӕ сывӕллоны чи фесӕфта, уыцы раздӕры амынӕт йӕхимӕ ссардта цӕрыны ӕмӕ иннӕтӕн зӕрдыл дарынӕн ӕххуыс кӕныны хъару. Мысынæй — сфæлдыстадон бынтӕм. Бынæттон Фӕсивӕды галуаны райтынг музыкалон уадынгæрзты ӕмӕ мырон ифтонггӕрзты равдыст. Инструменттӕ ам хуымӕтӕджы экспонаттӕ не сты: адӕмон ӕмӕ классикон инструменттыл мелодитӕ цæгъдынц республикӕйы сывӕллӕтты аивæдты скъолаты хъомылгӕнинӕгтӕ. Сӕйраг акцент — бæстæйы аразӕгыл. Абон Уӕрӕсейы фабрикæтӕ цӕттӕ сты ахуыргӕнӕн кълӕстӕ æхсызгон зӕлтӕй сифтонг кӕнынмӕ. Музыкалон хай адарддӕр стыр концертӕй. Сценӕйыл — ацы форум кӕй тыххӕй æрхъуыды кодтой, уыдон. Рахизфарсы районы аивӕдты скъолаты ахуырдзаутӕ равдыстой: курдиӕттӕ Ирыстоны къаддӕр нӕ кӕнынц. Фӕлӕ системӕйы рӕзтӕн ӕнӕ федералон ӕххуысӕй уӕвӕн нӕй. Кадрты аттестацийы сӕйраг хӕстӕ ӕмӕ ног моделы тыххӕй дзырдта бӕстӕйы Культурӕйы министрады минӕвар Дмитрий Шмидт. Цӕгат Ирыстон йӕхи ахорӕнты бафтыдта форуммӕ. Йӕ программæмæ йын фыццаг хатт бахастой аивӕдты скъолаты хъомылгӕнинӕгты концерт. Сфӕлдыстадон программӕйы фæстæ — хъуыддаджы программӕ. Уӕлдай хъусдард — дӕсныйады раззагдӕртӕм. Ацы аз æппӕтуӕрӕсеон конкурс "Сывӕллӕтты аивӕдты скъолайы хуыздӕр ахуыргӕнӕг" фыццаг хатт ацыд дыууӕ категорийы. Йӕ ӕнтыстдзинады сусӕгдзинад йе 'мкусджытӕн раргом кодта Дагестанæй уӕлахиздзау Фӕлтӕрддзинад, уӕлӕмхасӕн ахуырады рӕзты ног методикӕтӕ. Аивӕдты лицейы цы форум байгом, уый йӕ тыхы бацыд. Беслӕн сси сӕйрагдӕр фӕзуӕттӕй иу — музыкӕ ӕмӕ мысыны фӕрцы ахуыргӕнджытӕ хъомылады ног мадзæлттæ кӕм агурынц, ахӕм бынат. Программӕ аххӕссыд ӕппӕт регионыл дӕр: архайджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Ӕрныхас кӕндзысты алцӕуыл дӕр — хоры зардӕй Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы фӕлгонцы онг. Кӕронбӕттӕны — республикӕйы сӕйраг музейтӕм балц. Архайджыты уырны: традицитӕ ӕмӕ технологиты ахӕм диалог Кавказы аивӕдты скъолатæн ратдзысты ног сфæлдыстадон тыхтæ.